Транскамыл æхсынц хæхтæ: фæндаг æхгæд у ныр иу къуыри

Иунæг фæндаг, кæцы иу кæны Хуссар Ир Уæрæсеимæ, æхгæд у ныр æвдæм бон митуард æмæ зæйты тыххæй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 21 янв – Sputnik. Зæйты ныхмæ тохы æмæ фæндагон службæтæ сног кодтой Транскамыл зæйтæ æхсын æмæ фæндаг митæй сыгъдæг кæнын, фехъусын кодтой Sputnik Хуссар Ирыстоны УУМ пресс-службæйы.

Афæдзы райдайæнæй трассæ сæхгæдта цыппæрæм хатт. Фæстаг хатт фæндагон змæлд æрурæдтой 15 январы стыр мит æмæ зæйты æрцыды тыххæй.

"Хуыцаубоны сæрмагонд службæтæ фехстой зæйтæ æмæ сыгъдæг кодтой фæндаг митæй. Знон трассæмæ æрцыд аст зæйы", - радзырдтой УУМ пресс-службæйы.

Уагдоны бафтыдтой, улæфт бонты кусджытæ кæй ахафтой зæйты хсæн "пионеркæ", къуырисæры райсом та сног кодтой фæндаг сыгъдæг кæнын.

УУМ ницы бæрæггæнæнтæ загътой, фæндаг кæй бакæндзæн, уый тыххæй.