Транскамыл фæндагон змæлд байгом

Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы ʻхсæн иунæг трассæйыл фæндагон змæлд тобæгонд уыд аст суткæйы дæргъы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 23 янв - Sputnik. Транскавказы автомагистралыл фæндагон змæлд байгом ис æртыццæжы 20.00 сахатыл, хъусын кæны Хуссар Ирыстоны уæлвæткон уавæрты министрад.

УФ УУМ-ы хистæр: хъæуы саразын æппæтдæр, цæмæй Транскам зымæджы куса æнæ къуыхцыйæ

Уагдоны сидынц шофыртæм, цæмæй арæхстджынæй архайой фæндагыл цæугæйæ.

Азы райдайæнæй фæндаг æрæхгæдтой ныр цыппæрæм хатт. Фæстаг хатт фæндагон змæлд æрурæдтой Транскамыл 15 январы митуард æмæ дæсгай зæйты рацыды аххосæй.

Фæндагон æмæ зæйты ныхмæ тохы службæты куыст къуыхцы кодта æвзæр боныгъæд æмæ стыр мит. Æрæджы Хуссар Ирыстоны фæндагон службæтæ арвыстой техникæ æххуысмæ цæгатирыстойнаг коллегæтæн хицауады хæслæвæрдмæ гæсгæ.