Хуссар Иры премьер бахæс кодта схорзæхджын кæнын Транскамыл кусæг фæндагон службæты

Премитæ райсдзысты ирвæзынгæнæн æмæ фæндагон службæты кусджытæ, кæцы тæ куыстой трассæйыл уæлвæткон уавæрты
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 25 янв - Sputnik. Хуссар Ирыстоны хицауады сæрдар Пухаты Эрик загъта бузныджы ныхæстæ республикæйы УУМ сæргълæууæг Тадтаты Алан, Унитарон куыстуат "Дорэкспострой"-йы хистæр Лалыты Мурæт æмæ шофыртæ-механизатортæн, кæцытæ сыгъдæг кодтой Транскам миты зæйтæй.

Хуссар Иры фæндагон службæтæ баххуыс кæндзысты Транскам ссыгъдæг кæнынæн

Транскавазаг автомагистраль январы фылдæр хай уыд æхгæд автомобилон змæлдæн стыр митуард æмæ зæйты æрцыды тыххæй. Фæндаг бакодта 23 январы. Уымæй бон раздæр Пухаты Эрик бахæс кодта хуссарирыстойнаг фæндагон службæтæн баххуыс кæнын цæгатирыстойнаг коллегæтæн фæндаг сыгъдæг кæныны хъуыддаджы.

Хицауады рабадты майрæмбоны премьер бахæс кодта уагдæтты къухдариуæггæнджытæн, кæцыты кусджытæ архайдтой сыгъдæггæнæн мадзæлтты, бафидын æхцайы премитæ уæлдайджынтæй куысты тыххæй.

"Мæхи цæстытæй федтон, куыд куыстой адæм æгæрыстæмæй æхсæвыгæтты дæр. Сæ бæрнон ахаст куыстмæ у тынг раппæлинаг, уымæ гæсгæ сæ схорзæхджын кæнут", - загъта хицауады сæрдар.

УУМ сæргълæууæг баныфсæвæрдта, Транскамыл сыгъдæггæнæн куыстыты хайадисæг адæм иууылдæр кæй райсдзысты премитæ.