Хуссар Ирыстоны фæфылдæр сты пенситæ

Республикæйы æмбæстæгтæ февралæй райсдзысты фæфылдæргонд пенситæ, бамбарын кодта Пенсион фонды хистæр Тасойты Аза
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 25 янв - Sputnik. Хуссар Ирыстоны 2019 азы райдайæнæй социалон пенситæ фæфылдæр уыдзысты 12%, фехъусын кодта хицауады рабадты рæстæджы республикæйы пенсион фонды хистæр Тасойты Аза.

Хуссар Иры хицауад хорзыл банымадта пенситы фӕдыл закон

"Хайæдты цæуы куыст ног пенситы банымайыны фæдыл. Февралæй æмбæстæгтæ райсдзысты фæфылдæргонд пенситæ, бафтаудзысты сæм январæй баззайгæ проценттæ дæр. Астæуккаг банымадæй, пенситæ фæфылдæр уыдзысты 12 проценты", - хъусын кæны Тасойты Азайы ныхæстæ хицауады пресс-службæ.

Хицауады сæрдар Пухаты Эрик куыд банысан кодта, афтæмæй президент Бибылты Анатолийы уынаффæмæ гæсгæ Пенсион фонд кусы ноджы пенситы фæфылдæрыл.