Трагеди Транскамыл: Ручъы тоннелы цур аварийы фæмард æвзонг лæппу

Авари æрцыд Ручъы тоннелы цæгаттаг порталы цур, фæмард Хуссар Ирыстоны æвзонг цæрæг, ноджы ма иу лæппуйы та аластой Дзæуджыхъæуы рынчындонмæ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 25 янв — Sputnik. Хуссарирыстойнаг æвзонг лæппу фæмард аварийы Транскавказаг автомагистралыл, Ручъы тонеелы цæгаттаг порталы цур. Фæндагон-транспортон цау æрцыд цыппæрæмы æхсæвы, хъусын кæны Хуссар Иры УУМ пресс-службæ.

Уагдоны информацимæ гæсгæ, хæдтулгæ "Mersedes"-ы шофыр не сырæхст скъæрын æмæ машинæ сфæлдæхт.

"Транскамы 93-æм километрыл аварийы тыххæй нæм хъусинаг æрбацыд Цæгат Иры уæлвæткон уавæрты министрадæй 19.34 сахатыл", - дзырдæуы хъусинаджы.

Фæндагон бæллæхы фæстиуæгæн шофыр - Хуссар Ирыстоны 24-аздзыд лæппу - фæмард бынаты, йæ пассажиры та уæззау цæфтимæ фæхæццæ кодтой Цæгат Иры клиникон рынчындонмæ.