Хорз ӕнтыст: ХИПУ райста ахуыр кӕнынмӕ студентты Сирийӕ

Январы университет райста дыууӕ студенты Сириаг Арабаг республикӕйӕ уырыссаг филологийы факультетмӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 28 янв — Sputnik. Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университет фыццаг хатт йӕ историйы райста ахуыр кӕнынмӕ студентты Сирийӕ, радзырдта ахуыргӕнӕндоны ректор Тедеты Вадим радио Sputnik Хуссар Ирыстонӕн.

Рæузæрдæ Додæ: студент, спортсмен, журналист æмæ хӕхтӕ уарзӕг

"Январы нӕ университет райста дыууӕ студенты Сириаг Арабаг республикӕйӕ уырыссаг филологийы факультетмӕ. Ацы цау нӕ университетӕн у стыр ӕнтыст – советон дуджы дӕр алкӕцы ахуыргӕнӕндонӕн нӕ уыдис фадат фӕхонын абитуриентты фӕсарӕнтӕй", - банысан кодта Тедеты Вадим.

Ректор бафтыдта, сириаг студенттӕ кӕй ахуыр кӕндзысты фӕсаууонмӕ.

Фидӕны Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университет нывӕнды бафыссын ӕмгуыстады бадзырд сириаг ахуыргӕнӕндӕттимӕ – Дамаск ӕмӕ Алеппойы университеттимӕ.