Гӕбулты Владимир Гасситы Мурӕты тыххӕй: Уӕрӕсейы хуыздӕр боксер

Цӕгат Ирыстоны спорты министрады сӕргълӕууӕг радзырдта йӕ интервьюйы, зӕгъгӕ, Гасситы Мурӕты тох чизоны ацӕуа Дзӕуджыхъӕуы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 28 янв — Sputnik. Ирон боксер Гасситы Мурӕт, WBA ӕмӕ IBF верситы дунейы раздӕры чемпион у Уӕрӕсейы хуыздӕр боксер, загъта Цӕгат Ирыстоны спорты министр Гӕбулты Владимир. Уый тыххӕй уагдоны сӕргълӕууӕг радзырдта интервьюйы РИА Новости.

Гасситы Мурӕт Усикимӕ тохы фӕстӕ цардыл: ӕнкъард дӕн ӕнӕ чемпионы рӕттӕй

"Мурӕт у тынг хорз адӕймаг ӕмӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Уӕрӕсейы хуыздӕр боксер. Раздӕр мах иумӕ хъазыдыстӕм футболӕй. Хъыгагӕн, махӕн нӕ рауайы арӕх ӕмбӕлын. Фӕнды мӕ фенын ӕрмӕст Александр Усикимӕ ног тох нӕ, фӕлӕ ма Мурӕты уӕлахизтӕ алкӕцы тохы дӕр", - загъта Гӕбулты Владимир.

Министр бафтыдта, Гасситы Мурӕты радон тох гӕнӕн ис ацӕуа Дзӕуджыхъӕуы.

"Гӕнӕн ис ауадзын тох республикон стадион "Спартак"-ы. Фӕлӕ ацы хъуыддаджы бирӕ баст у промоутертӕ ӕмӕ ӕндӕр фактортыл. Мӕн уырны, стадионы сӕрибар бынӕттӕ кӕй нал баззадаит. Хъыгагӕн, стадион нырма ӕмбӕлгӕ уавӕры нӕй", - бафтыдта Гӕбулты Владимир.

Ирон боксер Гасситы Мурӕт бахӕццӕ Ӕппӕтдунейон боксы суперсерийы финалмӕ, цы ран 2018 азы июлы фембылд украинаг Александр Усикӕн. Финалон тохы фӕстӕ боксерӕн сарызтой операци йӕ уӕхскыл.