Хуссар Иры минӕвар Италийы Мауро Мурджиа балӕууыд Николас Мадуройы фарсмӕ

Хуссар Ирыстоны адӕмы номӕй Мурджиа равдыста ӕмуддзинад Венесуэлайы законон хицауадмӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 28 янв — Sputnik. Хуссар Ирыстоны официалон минӕвар Италийы Мауро Мурджиа хайад райста Венесуэлайы президент Николас Мудуройы ӕххуысӕн митингы, хъусын кӕны республикӕйы фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады (ФХМ) пресс-службӕ.

Бибылты Анатолий хайад райста Венесуэлайы президенты инаугурацийы

Хуссар Ирыстоны адӕмы номӕй Мурджиа равдыста ӕмуддзинад Венесуэлайы президент ӕмӕ адӕммӕ.

Митингы, кӕцы ацыд Венесуэлайы минӕварады агъуысты раз Римы, хайад райстой оппозицион партиты минӕвӕрттӕ, се хсӕн коммунисттӕ ӕмӕ социалисттӕ, афтӕ ма профцӕдисон архайджытӕ дӕр.

Венесуэлайы минӕвар Италийы Исаиас Родригес загъта бузныг ӕрӕмбырдуӕвджытӕн ӕмуддзинады тыххӕй Венесуэлайы адӕммӕ.