Цхинвалы сӕдӕ бинонтӕй фылдӕр тагъд райсдзысты ног фатертӕ

Ӕмбӕстӕгтӕ ӕвзӕрстой сӕ фидӕны фатертӕ халлӕппӕрсты руаджы, кӕцы цыд ивгъуыд къуыри республикӕйы столицӕйы мэрийы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 29 янв – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны ӕввахс рӕстӕджы 130 бинонтӕн ратдзысты ног фатертӕ Цхинвалы Хъайтарты уынгыл микрорайоны.

Амӕйразмӕ столицӕйы администраци ныммыхуыр кодта социалон хызӕгтӕ ӕмӕ ДИФ-ты ӕмбӕстӕгты номхыгъд, кӕцытӕм ӕмбӕлы фӕхуыздӕр кӕнын сӕ цӕрӕнуатон уавӕртӕ. Иумӕйагӕй номхыгъды уыд 136 ӕмбӕстаджы.

"Ивгъуыд къуыри мэрийы ацыд халӕппӕрст. Ӕмбӕстӕгтӕ афтӕмӕй ӕвзӕрстой сӕ фидӕны фатертӕ. Ӕрмӕст дӕр инвалидтӕ сӕхӕдӕг ӕвзӕрстой, кӕцы уӕладзыгыл сӕ фӕнды цӕрын", - загътой Sputnik мэрийы пресс-службӕйы.

Пресс-службӕйы банысан кодтой, иу къуырийы фӕстӕ кӕй ацӕудзӕн коллегийы рабадт, уый фӕстӕ ног фатерты хицӕуттӕ райсдзысты сӕ дӕгъӕлтӕ.

Сӕйраг хӕслӕвӕрд: Бибылты Анатолий радта ног хӕдзӕртты дӕгъӕлтӕ Хуссар Иры цӕрджытӕн

Иумӕйагӕй Хъайтарты уынгыл микрорайоны ис 200 фатеры. 130 фатеры куы радтой, уӕд цӕрӕнуатон къамис ногӕй райдайдзӕн кусын, цӕмӕй сбӕрӕг кӕной аннӕ 70 фатеры хицӕутты.

"Раздӕры ныммыхуыргонд номхыгъдӕй бирӕ ӕмбӕстӕгты айстой. Кӕцыдӕрты тыххӕй нӕм ӕрбацыд фыстӕджытӕ ӕмӕ уый фӕдыл къамис ноджы иу хатт лӕмбынӕгӕй басгардзӕн алкӕйдӕр", - банысан кодтой пресс-службӕйы.

Цӕрӕнуат райсын кӕй фӕнды, уыдон бафӕдзӕхстой, фатеры куы ничи цӕра, уӕд ӕй фӕстӕмӕ ратдзысты горӕты цӕрӕнуатон фондӕн, уый тыххӕй ӕмӕ республикӕйы нырма ис бирӕ бинонтӕ, кӕцытӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц сӕ радмӕ.