Хуссар Ир ӕмӕ Уӕрӕсейы генералон прокуратурӕтӕ ӕрдзырдтой Мӕскуыйы уагдӕтты ӕмгуыстадыл

Юрий Чайка ӕмӕ Дзӕгъиаты Уырызмӕг ӕрдзырдтой уагдӕтты ӕхсӕн бадзырдты реализацийы фарстытыл
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 30 янв – Sputnik. Мӕскуыйы ацыд Уӕрӕсе ӕмӕ Хуссар Ирыстоны генералон прокурортӕ Юрий Чайка ӕмӕ Дзӕгъиаты Уырызмӕджы фембӕлд, фехъусын кодтой Sputnik республикӕйы генералон прокуратурӕйы пресс-службӕйы.

"Уӕрӕсейы генералон прокурор Юрий Чайка ӕмӕ йӕ коллегӕ Хуссар Ирыстонӕй Дзӕгъиаты Уырызмӕг ӕрдзырдтой уагдӕтты дыууӕварсон ӕмгуыстады фарстытыл ӕмӕ раздӕры бадзырдты реализацийы фӕстиуджытыл", - загътой уагдоны пресс-службӕйы.

Фембӕлды рӕстӕджы Дзӕгъиаты Уырызмӕг загъта бузныг йӕ уӕрӕсейаг коллегӕйӕн бадзырдтӕ сӕххӕст кӕныны тыххӕй, кӕцыты фӕлгӕтты РХИ генералон прокуратурӕйы кусджытӕ бӕрзонд кодтой сӕ квалификаци УФ прокуратурӕйы университеты. Афтӕ ма йын загъта бузныг республикӕйы президент Бибылты Анатолийы номӕй йӕ хайбавӕрды тыххӕй дыууӕ уагдоны ӕмгуыстады райрӕзтмӕ.

Уӕрӕсейаг генералон прокурор загъта йӕ коллегӕйӕн, бадзырдтӕ ӕххӕст кӕй цӕудзысты 2019 азы дӕр, афтӕ ма дарддӕр ӕххуыс кӕндзысты РХИ прокуратурӕйӕн алкӕцы фадыджы дӕр.

Хуссар Иры прокурортæ ацыдысты Мæскуымæ фæлтæрддзинад рыйсынмæ

Ноджы ма Мӕскуыйы уагъд ӕрцыд тымбыл фынг, кӕцыйы темӕ уыд "Адӕймаджы барты хъахъхъӕнынад Уӕрӕсейы Федераци ӕмӕ Республикӕ Хуссар Ирыстоны прокуратурӕйы архайды".

Конференцийы хайад райстой Мӕскуыйы ахуыргӕнӕндӕтты сӕйраг ахуыргондтӕ, афтӕ ма субъектты прокуратурӕтӕй ӕрхонгӕ специалисттӕ дӕр.

Амӕйразмӕ фехъусын кодтой, Уӕрӕсейы прокуратурӕйы университеты Мӕскуыйы сӕ квалификаци  фӕбӕрзонддӕр кӕныны курсытӕ кӕй цӕуынц РХИ генералон прокуратурӕйы кусджытӕ, кӕцытӕ сорганизаци кодтой УФ хицауады уынаффӕмӕ гӕсгӕ ӕмӕ РХИ ӕмӕ УФ генералон прокуратурӕты ӕхсӕн ӕмгуыстады бадзырдты фӕлгӕтты.