Сбӕрӕг кодтой дунейы иууыл ӕдасдӕр бӕстӕ

Рейтинг сарӕзтой цалдӕр бӕрӕггӕнӕнмӕ гӕсгӕ: хӕстӕй тӕссагдзинад, ӕмбӕстӕгты ӕдасдзинады ӕмвӕзад, экономикон райрӕзты ӕмвӕзад, афтӕ ма ӕрдзон бӕллӕхӕй тӕссагдзинад
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 30 янв — Sputnik. Global Finance журналы версимӕ гӕсгӕ иууыл ӕдасдӕр бӕстӕ у Исланди, хъусын кӕны РИА Новости.

Бӕрӕггӕнӕнтӕ, кӕцытӕм гӕсгӕ ӕвзӕрстой бӕстӕйы ӕдасдзинад, уыдысты хӕстӕй тӕссагдзинад, ӕмбӕстӕгты ӕдасдзинады ӕмвӕзад, экономикон райрӕзты ӕмвӕзад, афтӕ ма ӕрдзон бӕллӕхӕй тӕссагдзинад.

Рейтингы дыккаг бынатыл ацыд Швейцари.

Ӕртыккаг бынат та бацахста Финлянди.

Афтӕ ма топ-10мӕ бахызтысты Португали, Австри, Норвеги, Катар, Сингапур, Дани ӕмӕ Ног Зеланди.

Уӕрӕсе бацахста ӕрмӕст дӕр 108-ӕм бынат.

Иууыл тӕссагдӕр бӕстӕтыл банымадтой Гватемала, Йемен ӕмӕ Филиппинты.