Цӕгат Иры скъолатӕ ӕмӕ сабидӕттӕ 1 февралӕй сӕхгӕндзысты карантиныл

Ахӕм скъуыддзаг рахастой Цӕгат Ирыстоны сӕйраг санитарон дохтыр Тыбылты Аланы уынаффӕмӕ гӕсгӕ тӕссаг эпидемон уавӕры тыххӕй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 31 янв — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны скъолатӕ ӕмӕ сабидӕттӕ 1 февралӕй фӕстӕмӕ сӕхгӕндзысты карантиныл, хъусын кӕны 15-ӕм регион.

Цæгат Ир фæкарздæр кодта цæстдард Гуырдзыимæ арæнмæ тæссаг вирусы тыххæй

Ахӕм скъуыддзаг рахастой Цӕгат Ирыстоны сӕйраг санитарон дохтыр Тыбылты Аланы уынаффӕмӕ гӕсгӕ тӕссаг эпидемон уавӕры тыххӕй республикӕйы.

Низты бӕрӕггӕнӕн нырма у астӕуккаг ӕмвӕзадыл, уӕззау рынчынтӕ нӕй.

Уагдоны радзырдтой, эпидемион низтӕй рынчынкӕнынад кӕй фӕфылдӕр нормӕйӕ 13%. Рынчынты фылдӕр бӕрц сбӕрӕг кодтой Дзӕуджыхъӕуы. Фылдӕр рынчын кӕнынц 3-6 ӕмӕ 7-14 аздзыд сывӕллӕттӕ.