Хуссар Иры фæивтой Гуырдзыстонимæ арæны сæрты хизыны фæтк

Раздæр Хуссар Ирыстоны цæрджытæ, кæцытæн уыд Гуырдзыстонимæ арæны сæрты ахизы бар, сæ бон уыд арæнгæрон постыл ацæуын хуссарирыстойнаг паспортæй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 4 фев – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны ʻхсæн арæны сæртыл ахизыны бар фæхуымæтæгдæргонд режиммæ гæсгæ цы цæрæн пунктты цæрджытæн ис, уыдонæн ныр сæ бон уыдзæн цæуын æрмæст сæрмагонд уадзæн гæххæттыты руаджы.

Хуссар Иры ПӔК радзырдта январы фӕткхӕлдты тыххӕй

Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны ʻхсæн арæны сæртыл фæхуымæтæгдæр режиммæ гæсгæ ахизыны фæдыл хицауады уагæвæрдмæ баххæстгæнæнтæ райстой ивгъуыд азы кæрон.

Паддзахадон Ӕдасдзинады комитеты банысан кодтой, ацы мадзӕлттӕ ист кӕй цӕуынц фӕтк фӕхуыздӕр кӕныны ӕмӕ сыхаг бӕстӕимӕ арӕны сӕртыл хизынмӕ стырдӕр хъусдард аздахыны нысанӕн.

"Ног ивындзинæдтæм гæсгæ, хицауад цы хъӕуты сфидар кодта, уыдон цӕрджытӕн бар уыдзӕн Гуырдзыстонимæ арæны сæрты хизын сӕрмагонд пропусктӕй, кӕцытӕ сын дӕтдзысты Паддзахадон Ӕдасдзинады комитеты", - банысан кодтой уагдоны пресс-службӕйы.

Раздæр ацы хъæуты цæрджытæн бар уыд Гуырдзыстонимæ арæны сæрты хизын хуссарирыстойнаг паспортимæ.

"Уыимæ иумæ ПӔК сфидар кодта æмгъуыд – паддзахадон арæны  сæртыл хизæн бынæтты æрбакондæй дыууæ къуырийы фæстæ – ацы рæстæгмæ республикæйы æмбæстæгтæ райсдзысты пропусктæ", - бамбарын кодтой комитеты.

Пропусктæ райсыны фæдыл хъæуы бахатын ПӔК районон хайæдтæм.

Арæны сæрты фæрогдæргонд режимыл хизыны бар ис Дзауы районы Синагур, Чысыл Переу, Карзманы хъæуты цæрджытæн, Цхинвалы районы Арцеуы хъæуы цæрджытæн æмæ Ленингоры районы Ленингоры поселочы, Гдулет, Ахмадж, Нагомев, Салбиеры хъæуты цæрджытæн.