Гергиты Валерий ӕмӕ Мариинкӕйы симфонион оркестр ралӕудзысты Италийы

Амӕйразмӕ зындгонд дирижер ӕмӕ оркестр ралӕууыдысты Мӕскуыйы концертон зал "Зарядье"-йы фыццӕгӕм февралы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 4 фев — Sputnik. Ирон дирижер, Мариинаг театры аивадон разамонӕг Гергиты Валерий ӕмӕ Мариинаг театры Симфонион оркестр 2 февралы ацыдысты гастрольтӕм Италимӕ, хъусын кӕны РИА Новости.

Гергиты Валерий бацӕудзӕн преми "Аврора"-йы ӕвзарӕн къамисы скондмӕ

Маэстро ӕмӕ оркестры италиаг гастрольтӕ адаргъ уыдзысты 4 февральмӕ, фыццаг ралӕуд ацӕудзӕн Неаполы Сан-Карлойы театры сценӕйыл.

4 февралы Гергиты Валерий ӕмӕ оркестр сӕххӕст кӕндзысты зындгонд милайнаг театр Ла Скалайы сценӕйыл Дебюсси, Мендельсон ӕмӕ Мусоргскийы уацмыстӕ.

Афтӕ ма маэстро Гергиты Валерий 27 февралы ралӕудзӕн Ла Скалайы Мусоргскийы оперӕ "Хованщина"-йы равдысты рӕстӕджы.