Дзӕуджыхъӕуы фӕсарӕйнаг хӕдтулгӕ сӕмбӕлд бӕласыл: ис дзы зианбаййафӕг

Авари ӕрцыд къуырисӕры ӕхсӕвы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 5 фев — Sputnik. Дзӕуджыхъӕуы центры аварийы фӕстиуӕгӕн зиан баййӕфта иу адӕймаг, фехъусын кодтой Цӕгат Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) пресс-службӕйы.

Фыдракӕнд ӕмӕ дыууӕ авари: Хуссар Иры МХМ радзырдта ивгъуыд къуырийы уавӕры тыххӕй

Цӕгат Ирыстоны столицӕйы Кировы уынгыл фӕндагон-транспортон цауы (ФТЦ)  тыххӕй хъусинаг ӕрбацыд Цӕгат Ирыстоны УУМ-мӕ дыццӕджы 00.40 сахатыл.

"Toyota Crown хӕдтулгӕйы шофыр нӕ сырӕхст скъӕрын ӕмӕ сӕмбӕлд бӕласыл. Фӕндагон-транспортон цауы фӕстиуӕгӕн ис иу зианбаййафӕг", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Уагдоны бафтыдтой, ФТЦ фӕстиуджыты ликвидацийы тыххӕй кӕй ӕрбаздӕхтой фондз адӕймаджы ӕмӕ техникӕйы иу иуӕджы.