Ныхас нӕ бамбӕрста: Цхинвалы дыккаг хатт ӕрцахстой расыг шофыры

Шофыр дыккаг хатт ахст ӕрцыд хӕдтулгӕ нозтджынӕй скъӕрыны тыххӕй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 5 фев - Sputnik. Хуссар Ирыстоны фӕдагон-патрулон службӕйы кусджытӕ ӕрцахстой ӕмӕ бакодтой наркодиспансермӕ хӕдтулгӕ "ВАЗ-21063" 47-аздзыд шофыры нозтджын кӕй у, уый сбӕрӕг кӕныны тыххӕй, хъусын кӕны мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.

Фыдракӕнд ӕмӕ дыууӕ авари: Хуссар Иры МХМ радзырдта ивгъуыд къуырийы уавӕры тыххӕй

Нӕлгоймаг ма ӕрӕджы дӕр аххосджын ӕрцыд ахӕм фыдракӕнды, уӕд ын рахастӕуыд тӕрхон ӕхсӕз мӕйы ахӕстон дзырдӕй.

Медицинон басгӕрст куыд рабӕрӕг кодта, афтӕмӕй та шофыр уыд нозтджын.

Фӕткхалды тыххӕй басгӕрст уадзы респубдликӕйы МХМ Паддзахадон автоинспекци.