Цхинвайлаг богал Бестауты Андрей рамбылдта Цæгат Иры чемпионат

Ерыстæ рабæрæг кодтой Ирыстоны тыхджынæр богалты 10 уæзы категорийы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 6 фев — Sputnik, Плиты Фатимæ. Уæгъдибар хъæбысхæстæй Цæгат Ирыстоны чемпионаты цхинвайлаг богал Бестауты Андрей бацахста  фыццаг бынат, фехъусын кодта Sputnik уæгъдибар хъæбысхæсты тренер Коцты Тамерлан.

Бестауты Андрей архайдта 97 кг уæзы.

Сыгъзæрин æмæ бронзæ: цхинвайлаг богалтæ рамбылдтой æппæтуæрæсейон турнир

"Цæгат Ирыстоны чемпионаты уæлахиздзау ссис нæ хъомылгæнинаг Бестауты Андрей. Цæгат Ирыстоны уæгъдибар хъæбысхæсты скъола у тынг размæцыд, фæлæ ахæм æндыгъд уавæрты Андрей равдыста иттæг хорз бæрæггæнæнтæ. Иумæйагæй сисгæйæ, уый ныр йæхицæн фæндаг бакодта Уæрæсейы чемпионатмæ, фæлæ чемпионаты кары нæй, уымæ гæсгæ дзы не стох кæндзæн", - загъта лæппуйы тренер Коцты Тамерлан.

Цæгат Ирыстоны чемпионат ахицæн ис ивгъуыд къуырийы кæрон. Ерыстæ рабæрæг кодтой Ирыстоны тыхджынæр богалты 10 уæзы категорийы.