Бирӕазон проблемӕ: Цхинвалы цӕрджытӕ бадзырдтой ӕххуысы фӕдыл депутатмӕ

Паддзахадон унитарон куыстуат "Водоканал" ӕмӕ ЦЭК минӕвӕрттӕ дзырд радтой аскъуыддзаг кӕнын Нӕузӕххонты уынгыл хӕдзары цӕрджыты проблемӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 7 фев - Sputnik. Хуссар Ирыстоны столицӕйы Нӕузӕххонты уынгыл цыппӕрӕм ӕмӕ фӕндзӕм бирӕуӕладзыгон хӕдзӕртты цӕрджытӕ фембӕлдысты парламенты депутат Цоциты Игоримӕ ӕмӕ йын радзырдтой канализацион системӕйы проблемӕйы тыххӕй.

Цӕрджытӕй иу Коцты Диана радзырдта депутатӕн, уыдон бирӕ хатт кӕй бацыдысты ӕмбӕлгӕ службӕтӕм, фӕлӕ дон уӕддӕр ауадзы цалцӕггӕнӕн куыстыты фӕстӕ.

Бирӕазон проблемӕ: Цхинвалы цӕрджытӕ бадзырдтой ӕххуысы фӕдыл депутатмӕ

"Нӕ хӕдзары канализацион хӕтӕлтӕ иудадзыг атонынц. Канализацийы тӕф схӕццӕ вӕййы ӕвдӕм уӕладзыгмӕ, цы ран ӕз цӕрын", - хъусын кӕны Коцты Дианайы ныхӕстӕ парламенты пресс-службӕ.

Афтӕ ма цӕрджытӕн сӕ бон пайда кӕнын нӕу сӕ ныккӕндтӕй, уый тыххӕй ӕмӕ дзы ӕрӕмбырд вӕййы дон, кӕцы гӕнӕн ис фехала хӕдзары бындур дӕр.

Рыг ӕмӕ цъыф: депутатӕн радзырдтой Цхинвалы уынджы уавӕры тыххӕй

Цӕрӕн-эксплуатацион къамисы (ЦЭК) минӕвар Зӕгъойты Ацӕмӕз банысан кодта, зӕгъгӕ, канализацийы хӕтӕлтӕ сты зӕронд ӕмӕ сӕ хъӕуы баивын.

Афтӕ ма уый баныфсӕвӕрдта цӕрджытӕн, сӕ бацӕуӕнты сын дуӕрттӕ кӕй сӕвӕрдзысты 2019 азы.

Паддзахадон унитарон куыстуат "Водоканал"-ы кондадон-техникон хайады хистӕр Джиоты Андрей дзырд радта хӕдзӕртты цӕрджытӕн, уалдзӕджы сын кӕй баивдзысты сӕ коммуникацитӕ.