Зæй рацæуыны тас: Ирыстоны хæхты уыдзæн тых дымгæ

Уæлвæткон уавæрты министрады хъусинагмæ гæсгæ зæйтæ рацæуынæй тас уыдзæн сабаты изæрмæ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 8 фев — Sputnik. Цæгат Ирыстоны хæхты æввахс бонты тæссаг у зæйтæ рацæуынæй. Уый тыххæй фæдзæхст мыхуыр æрцыд республикæйы УУМ сайтыл.

"Цæгат-Кавказы æрдзы гидрометеорологи æмæ мониторингы управленийы рагзагъдмæ гæсгæ 8 февралы 18.00 сахатæй 9 февралы 18.00 сахатмæ 1500 метрæй бæрзонддæр хæххон бынæтты у зæйтæ рацæуынæй тæссаг", - дзырдæуы пресс-службæйы хъусинаджы.

Æзæр боныгъæд хынцгæйæ ирвæзынгæнджытæ амонынц республикæйы цæрджытæ æмæ уазджытæн сæхи хъахъхъæнын æмæ хæхтæм цæуынвæнд ма скæнын.