Цхинвалы гаражы басыгъд хӕдтулгӕ

Уӕлвӕткон уавӕрты министрады нӕ загътой зынгсирвӕзты аххосаг ӕмӕ банысан кодтой, уый кӕй сбӕрӕг кӕндзысты специалисттӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 8 фев – Sputnik, Козаты Диана. Цхинвалы ссыгъд бынӕттон цӕрӕджы хӕдтулгӕ, цау ӕрцыд Остъаты ӕфсымӕрты уынгыл, фехъусын кодтой Sputnik Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) пресс-службӕйы.

Ирвӕзынгӕнджытӕ уайтагъд ӕрцыдысты цауы бынатмӕ.

"Бынатмӕ ацыдысты ӕртӕ зынгфӕдисон хӕдтулгӕ. Хӕдтулгӕ ахуыссын кодтой, арт аххӕсыд ӕввахс хӕдзары уӕлхӕдзармӕ, фӕлӕ ирвӕзынгӕнджытӕн бантыст аиуварс кӕнын арт", - банысан кодтой уагдоны.

УУМ ирвӕзынгӕнджытӕ кусынц цауы бынаты.

Уӕлвӕткон уавӕрты министрады нӕ загътой зынгсирвӕзты аххосаг ӕмӕ банысан кодтой, уый кӕй сбӕрӕг кӕндзысты специалисттӕ.