Гæджиты Гурам æмæ Багаты Марат рамбылдтой Цæгат Иры фыццагад

Турниры хатдзæгтæм гæсгæ дыууæ лæппу раразмæгонд æрцыдысты ЦКФЗ-ы ерыстæм
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 12 фев — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссарирыстойнаг æрыгон боксертæ дыууæйæ расгуыхтысты Цæгат Иры фыццагады. Турниры уæлахиздзаутæ ссисты Гæджиты Гурам æмæ Багаты Марат æртæ-цыппар тох рамбулгæйæ, фехъусын кодта Sputnik сæ тренер Дзигойты Ацæмæз.

Дыууæ лæппу ерысты фæстиуæгæн райстой балцæгтæ ЦКФЗ ерыстæм, уыдон та сты Уæрæсейы фыццагадмæ æвзарæн.

"Цыппар æнтыстджын тох ауагъта Багаты Марат(52)кг æмæ æртæ та Гæджиты Гурам(54кг), дыууæ лæппу дæр сæ фембæлдты ныхмæлæуджытимæ ахицæн кодтой зынгæ уæлидзинадимæ. Ноджы ма æртæ лæппу Сатхъоты Олег, Лалыты Олег æмæ Хаситы Сослан та ссисты бронзæйон призертæ, фыццаг дыууæ лæппуйы фыццаг хатт рахызтысты рингмæ, уымæ гæсгæ сæ хатдзæг банымайæн ис хорзыл", - загъта тренер.

Уый ма бафиппайдта, ацы дыууæ лæппу апрелы та стох кæндзысты ЦКФЗ-ы ерысты.

Гæджиты Гурам æмæ Багаты Марат рамбылдтой Цæгат Иры фыццагад