ЦХИНВАЛ, 12 фев — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны командӕ ӕнтыстджын архайд скодта Цӕгат Кавказы федералон зылды (ЦКФЗ) чемпионаты дзюдойӕ Грозныйы, хъусын кӕны республикӕйы спорты министрады пресс-службӕ.
Ирон спортсментӕ рамбылдтой цыппар сыгъзӕрин, цыппар ӕвзист ӕмӕ фондз бронзӕйы майданы.
Фыццаг бынӕттыл ацыдысты: Армен Тадевосян (66 килограмм), Дыгурты Алан (+100 килограмм), Челдыты Светлана (48 килограмм) ӕмӕ Гӕджиты Алина (63 килограмм).
Ӕвзист майдантӕ рамбылдтой : Егиазар Карапетян (66 килограмм), Гасынты Вячеслав (81 килограмм), Пилиты Мариам (+78 килограмм) ӕмӕ Къалаты Марина (63 килограмм).
Бронзӕйы майдантӕ рамбылдтой: Шотаты Зауырбег (73 килограмм), Голоты Сӕрмӕт (73 килограмм), Арсен Блаев (100 килограмм), Дзудцаты Александр (+100 килограмм) ӕмӕ Къӕбысты Радмила (63 килограмм).
Спортсменты ерыстӕм бацӕттӕ кодтой Беккуызарты Алик, Цӕгӕраты Хъазбег, Айларты Ирбег, Кадиты Сослан, Хуыгаты Виталий, Шамиль Абдулаев, Цӕргӕсаты Таймураз, Алина Пухова.