Тренеры хуызист: Коцты Тамерлан æмæ йæ "зæрин" богалтæ

Зындгонд тренер радзырдта, йæ иууыл æнтыстджындæр ахуырдзаутыл – Хуссар Иры тыхджындæр богалтыл æмæ сæ уæлахизты сусæгдзинæдтыл
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 14 фев — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны уæгъдибар стилы хъæбысæйхæсты æнтыстджындæр тренер Коцты Тамерлан схъомыл кодта дунейы æмæ Уæрæсейы ерысты призерты, тренеры цард зилдух кæны цыппар æнтыстджындæр богалы арлыварс – тренировкæтæ, балцтæ, турниртæ æмæ ног нывæзтæ. Уый уырнын кæны куыст æмæ курдиаты фæрцы гæнæн ис Цхинвалы дæр схъомыл кæнын дунейы уæлахиздзаутæ. Спорты йæхицæн цы нæ бантыст, уый хъавы схæлар кæнын йæ ахуырдзаутæн.

Тренеры хуызист: Коцты Тамерлан æмæ йæ "зæрин" богалтæ

Тренер йæ къордимæ кусы Уæлдæр спортивон дæсныйады скъолайы бæстыхайы стыр залы. 11 сахатыл хатæны, карантинмæ æнæкæсгæйæ, ис 20 хъæбысхæцæгæй фылдæр, систæ сты æнæ кумирты плакаттæй – фæзминаг кæстæртæн ам сты хистæр фæлтæр.

Дыууæ цхинвайлаг богал рамбылдтой ерыстæ Цæгат Иры

"50 сывæллон нæм цæттæ кæны, кæстæр къордимæ мын кусы мæ раздæры ахуырдзау Бикойты Азæмæт, карантины аххосæй сæ нымæц у къаддæр абон", - зæгъы тренер.

Бикойты Вадим, Бестауты Андрей, Дзæгъиаты Сослан æмæ Зассеты Арсамæг фæсивæды хсæн Цæгат Ирыстоны, цы ран уæвынад кæны дунейы иууыл тыхджындæр хъæбысæйхæсты скъола, нымад сты тыхджындæртыл.

Тренеры хуызист: Коцты Тамерлан æмæ йæ "зæрин" богалтæ

"Ацы лæппутимæ Дзæуджыхъæумæ уыййас фæцыдтæн æмæ зæххы къорийыл æрзылдаин. Бирæ фыдæбон дзы ис, æнтыст афтæ æнцон райсгæ нæу. Стæй мæхæдæг дæр эмоционалон дæн æмæ мæ ныуæрттæ бахордтон ацы куыстыл", - зæгъы Тамерлан.

Тренеры хуызист: Коцты Тамерлан æмæ йæ "зæрин" богалтæ

Уый секцийы æнтыстджындæр богалтæ æрвыл къуыри кæны Цæгат Ирыстонмæ цæттæ кæнынмæ, уым ахуыртæ адарддæр кæнынц Хадарцаты Асланы номыл хъæбысæйхæсты академимæ.

"Иууыл къаддæрæй фондз азы дæргъы ацы лæппутимæ æрвыл къуыри цæуын Дзæуджыхъæумæ, фæлæ таксист нæ дæн", - дзуры тренер.

Тренеры архайдæн стыр аргъ кæнынц йæ хъомылгæнинæгтæ æмæ ныфс дæттынц дунейы æмæ олимпаг ерысты сыгъзæрин майдантæй йæ лæггæдтæ кæй бафиддзысты.

Тренеры хуызист: Коцты Тамерлан æмæ йæ "зæрин" богалтæ

"Мах хуызæн тренер никæмæн ис, уый хуызæн прием ничи равдисдзæн. Ӕрвыл цыппæрæм та нæ кæны Дзæуджыхъæумæ, уым нын вæййы цæттæгæнæн тохтæ. 2020 азы олимпиадæмæ кармæ гæсгæ нæ хауын, фæлæ тырндзæн 2024 азмæ", - зæгъы Дзæгъиаты Сослан.

Коцты Тамерлан нымайы алкæцы сывæллонмæ дæр хъæуы индивидуалон ахаст, иутимæ хъæуы карзæй архайын, аннæтимæ фæлмæнæй.

"Цхинвалы афтæ стæм æмæ нæм тызмæгæй куыннæ кæсай, уæд фæстæмæ цæуæм. Йæ рæстæджы Бикойты Вадимы фæкъуылымпы ис мæ фæлмæн ахасты аххосæй. Чысыл ын уыд травмæтæ дæр æмæ та мæнæ уалдзæджы уый райдайдзæн активонæй кусын. Аннæ æртæ лæппу сты нырма коммæгæс æмæ сын ис хорз æнтыстытæ. Зындгонд богалты, Лалыты æфсымæрты æнтыстытæ уыдысты сæ тренеры куыст. Фæлæ Богъиты Вадимы та схонæн ис хæдхъом богал, уый размæ кæнын нæ хъуыд", - дзуры тренер.

Тренеры хуызист: Коцты Тамерлан æмæ йæ "зæрин" богалтæ

Уый ма банысан кодта, ацы бонты Цæгат Ирыстоны фыццагады тох кæнынц йæ хъомылгæнинæгты кæстæр фæлтæртæ æмæ та сæм æнхъæлмæ кæсы хорз æнтыстытæм.

Тренеры хуызист: Коцты Тамерлан æмæ йæ "зæрин" богалтæ