Хуссар Иры ацыд МСНК кусджыты бӕрӕгбонон ралӕуд

Паддзахады сӕргълӕууӕг раарфӕ кодта кусджытӕн МСНК сӕвзӕрдыл 27 азы сӕххӕсты цытӕн, схорзӕхджын кодта хуыздӕр кусджыты ӕмӕ балӕвар кодта хайадӕн 10 службӕйон хӕдтулгӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 14 фев - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий раарфӕ кодта Мидхъуыддӕгты министрады сӕрмагонд нысаниуӕджы къорды (МСНК) кусджытӕн уагдоны сӕвзӕрдыл 27 аы сӕххӕсты цытӕн бӕрӕгбонон ралӕуды рӕстӕджы.

"МСНК кусджытӕм алыхатт дӕр уыд егъау профессионализм. Сымах тох кӕнут фыдгӕнджыты ныхмӕ ӕмӕ ӕххӕст кӕнут уӕ хӕслӕвӕрдтӕ, куыд уӕ Фыдыбӕстӕйы ӕцӕг патриоттӕ", - загъта Бибылты Анатолий.

Афтӕ ма президент банысан кодта, зӕгъгӕ, хайады кусджытӕй бирӕтӕ сӕ цард радтой сӕ республикӕйы тыххӕй ӕмӕ ныр сты хъӕбатырдзинад, ӕхсар ӕмӕ намысы цӕвиттон иннӕ кусджытӕн.

МСНК кусджытӕн раарфӕ кодта мидхъуыддӕгты министр Наниты Игорь дӕр.

"МСНК йӕ сӕвзӕрдӕй фӕстӕмӕ 1992 азы тох кодта Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинадыл. Гуырдзыстон ӕмӕ Хуссар Ирыстоны ӕхсӕн хӕсты рӕстӕджы МСНК кусджытӕ хъахъӕдтой барадон фӕтк республикӕйы территорийыл", - банысан кодта министр.

Ӕрӕмбырдуӕвджытӕ ралӕуды рӕстӕджы ссардтой МСНК амӕттаг кусджыты рухс нӕмттӕ иу уысм ӕдзӕмӕй алӕугӕйӕ.

Бӕрӕгбонон мадзалы кӕрон президент радта къорды хуыздӕр кусджытӕн паддзахадон хорзӕхтӕ, афтӕ ма балӕвар кодта хайадӕн дӕс службӕйон хӕдтулгӕ.