Бибылты Анатолий радта фӕдзӕхст сӕххӕст кӕнын Цхинвалы бирӕфатерон хӕдзӕртты хӕрзарӕзтад

Хуссар Ирыстоны столицӕйы бирӕуӕладзыгон хӕдзӕртты территориты хӕрзарӕзтад райдайдзӕн апрелы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 15 фев - Sputnik. Хуссар Ирыстоны сӕргълӕууӕг Бибылты Анатолий радта фӕдзӕхст сӕххӕст кӕнын Цхинвалы бирӕфатерон хӕдзӕртты кӕртыты хӕрзарӕзтад апрелы, хъусын кӕны хицауады пресс-службӕ.

Сӕйраг хӕслӕвӕрд: Бибылты Анатолий радта ног хӕдзӕртты дӕгъӕлтӕ Хуссар Иры цӕрджытӕн

Хуссар Ирыстоны хицауады рабадты рӕстӕджы Бибылты Анатолий бахахх кодта, фӕндагон службӕтӕн кӕй ис хӕслӕвӕрд сцалцӕг кӕнын хӕдзӕртты кӕртытӕ ацы аз августы кӕрӕттӕм. Столицӕйы администрацийы разамонӕг банысан кодта, ацы хъуыддагӕн сӕ кӕй хъӕудзӕн 20 милуан сомы.

Афтӕ ма республикӕйы сӕргълӕууӕг радта фӕдзӕхст сцалцӕг кӕнын лифттӕ бирӕуӕладзыгон хӕдзӕртты.

"Лифттӕ иууылдӕр хъуамӕ уой функционалон уавӕры, цы хӕдзӕртты нӕй лифттӕ, уым та сӕ хъуамӕ сӕвӕрой ацы азы дӕргъы", - загъта Бибылты Анатолий.