Тедеты Алан ссис Уӕрӕсейы чемпионаты призер самбойӕ

Ирон спортсмен бахызт Уӕрӕсейы командӕйы скондмӕ самбойӕ ӕмӕ апрелы райдайӕны хайад райсдзӕн Европӕйы чемпионаты
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 15 фев — Sputnik. Ирыстойнаг спортсмен Тедеты Алан рамбылдта ӕвзист майдан Уӕрӕсейы чемпионаты самбойӕ юниорты ӕхсӕн, кӕцы ацыд Пермы, хъусын кӕны Цӕгат Ирыстоны спорты министрады пресс-службӕ.

Дыгъуызты Милена цыппӕрӕм хатт рамбылдта Уæрæсейы фыццагад армспортӕй

Тедеты Алан архайдта 100 килограмм уӕзы категорийы ӕмӕ финалмӕ фӕндагыл рамбылдта фондз тохы.

Ацы хорзӕхы руаджы ирон спортсмен бахызт Уӕрӕсейы командӕйы скондмӕ самбойӕ ӕмӕ хайад райсдзӕн Европӕйы чемпионаты.

Тедеты Аланы тренертӕ сты Гасситы Петр, Коцты Авето ӕмӕ Тимур.