Цхинвайлаг боксертӕ рамбылдтой дыууӕ сыгъзӕрин ӕхсӕнадӕмон турниры

Ерысты уӕлахиздзаутӕ ссисты Ӕлборты Сослан ӕмӕ Бабайты Станислав
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 18 фев — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссарирыстойнаг боксертӕ Ӕлборты Сослан ӕмӕ Бабайты Станислав схызтысты пьедесталы иууыл бӕрзонддӕр къӕпхӕнмӕ ӕхсӕнадӕмон турнир "Зӕрин ӕрмкъухтӕ"-йы, фехъусын кодта Sputnik спорты мастер, боксы тренер Дзигойты Ацӕмӕз.

Хуссар Иры командӕйы тох кодта ӕртӕ боксеры.

Тренеры хуызист: Дзигойты Ацæмæз бокс æмæ йæ 50 хъомылгæнинаджы тыххæй

"Турнир "Зӕрин ӕрмкъухтӕ"-йы нӕ боксерты ӕнтыст у хорз цӕттӕдзинад ӕмӕ тырнынады хатдзӕг. Мӕ хъомылгӕнинаг рамбылдта сыгъзӕрин майдан дыууӕ тохы уӕлахиздзау суӕвгӕйӕ. Санахъоты Асланы хъомылгӕнинаг Ӕлборты Сослан райста фыццаг бынат ӕртӕ тох рамбулгӕйӕ", - загъта тренер.

Бабайты Станислав уӕлахиздзау ссис 2007-2008 ӕзты гуырд спортсменты хсӕн, Ӕлборты Сослан та расгуыхт 2003-2004 ӕзты хсӕн.

Донецкы адӕмон республикӕйы уагъд цӕуӕг турнир нывонд уыд сӕ спортивон клуб "Зӕрин ӕрмкъухтӕ"-йы сӕвзӕрдыл 31 азы сӕххӕстӕн. Ӕрӕмбырд кодта 138 спортсмены Кӕсӕг-Балхъарӕй, ДАР, ЛАР, Абхаз ӕмӕ Хуссар Ирӕй.