ЦХИНВАЛ, 18 фев – Sputnik. Хуссар Ирыстоны уӕрӕсейаг ӕфсӕддон базӕйы тактикон ротӕтӕ ауагътой дыууӕварсон тактикон ахуыртӕ полигон "Дзарцъем"-ы, хъусын кӕны къуырисӕры Уӕрӕсейы Хуссар ӕфсӕддон зылды пресс-службӕйы хистӕр Вадим Астафьев.
"Ӕфсӕдты командӕгӕнӕг, инӕлар-булкъон Александр Дворниковы барамындӕй ахуыртӕ иууылдӕр уагъд цӕуынц хӕстон цӕттӕкӕнынады басгӕрстты нывӕзтмӕ гӕсгӕ. Афтӕмӕй, хӕстон цӕттӕкӕнынады мадзӕлттӕ сӕххӕст кодтой ӕфсӕддонтӕ иууылдӕр", - банысан кодта Вадим Астафьев.
Хуссар ӕфсӕддон зылды пресс-службӕйы хистӕр банысан кодта, ахуырты хайад кӕй райстой 2,5 мин ӕфсӕддоны, афтӕ ма техникӕйы 300 иуӕджы дӕр, се хсӕн танктӕ Т72БМ, фистӕгӕфсады хӕстон хӕдтулгӕтӕ БМП-2, хæдцæугæ артиллерион хӕдтулгӕтӕ "Акация", минометтӕ «Сани», автоматон ӕмӕ къухӕй гранатӕхсӕгтӕ АГС-17 ӕмӕ РПГ-7 ӕмӕ ӕнӕпилотон аппараттӕ.