Хуссар Ир ӕмӕ Хӕххон Карабахы ФХМ сӕргълӕуджытӕ бафыстой ӕмгуыстады фӕдыл бадзырд

Республикӕ Арцахы фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр ӕрцыд Цхинвалмӕ официалон кусӕгон балцы къуырисӕры
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 19 фев - Sputnik. Хуссар Ирыстоны фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Медойты Дмитрий ӕмӕ республикӕ Арцахы ФХМ сӕргълӕууӕг Масис Маилян бафыстой ӕмгуыстады фӕдыл бадзырд ӕддагон политикӕйы уагдӕтты ӕхсӕн. Документ бафыстой министрты фембӕлды рӕстӕджы Цхинвалы, хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады (ФХМ) пресс-службӕ.

Хӕххон Карабахы ФХМ сӕргълӕууӕг ӕрцыд Цхинвалмӕ кусӕгон балцы

Къуырисӕры Масис Маилян ӕрцыд Цхинвалмӕ ӕртӕбонон кусӕгон балцы.

"Фембӕлды рӕстӕджы Медойты Дмитрий ӕмӕ Масис Маилян загътой сӕ хъуыдытӕ дыууӕварсон ахастыты райрӕзты фӕдыл, ӕрдзырдтой ӕхсӕнадӕмон ӕмӕ регионалон политикӕйы актуалон проблемӕтыл", - дзырдӕуы уагдоны хъусинаджы.

Бадзырд бӕрӕг кӕны ӕмгуыстады сӕйраг здӕхттӕ ӕддагон политикӕйы фадыджы, йӕ фӕлгӕтты уагъд цӕудзысты баныхас ӕмӕ консультацитӕ ӕхсӕнадӕмон, регионалон ӕмӕ дыууӕварсон фарстыты фӕдыл.