Цхинвалы ацы къуыри 130 бинонтӕ райсдзысты ног фатерты дӕгъӕлтӕ

Ноджы ма 70 ӕмбӕстаджы ӕнхъӕлмӕ кӕсынц ахсджиаг социалон проблемӕйы аскъуыддзагмӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 19 янв — Sputnik, Козаты Диана. Цхинвалы Хъайтарты уынгыл микрорайоны цӕрӕнуатты хицӕуттӕ ацы къуыри райсдзысты ног фатерты дӕгъӕлтӕ, радзырдтой Sputnik столицӕйы мэрийы пресс-службӕйы.

Цхинвалы сӕдӕ бинонтӕй фылдӕр тагъд райсдзысты ног фатертӕ

Хуссар Ирыстоны ног фатерты хицӕуттӕ суыдзысты 130 бинонтӕ. Амӕйразмӕ столицӕйы администраци ныммыхуыр кодта социалон хызӕгтӕ ӕмӕ ДИФ-ты ӕмбӕстӕгты номхыгъд, кӕцытӕ нывӕндынц фӕхуыздӕр кӕнын сӕ цӕрӕнуатон уавӕртӕ. Иумӕйагӕй номхыгъды уыд 136 ӕмбӕстаджы, фӕлӕ цалдӕр адӕймаджы басгӕрст нӕ ацыдысты. Мэрийы банысан кодтой, ууыл цӕрӕнуатон къамисы куыст нӕ фӕцис.

"Ацы къуыри мэрийы ацӕудзӕн коллегийы рабадт. Уый фӕстӕ ӕмбӕстӕгтӕн ратдзысты ног фатерты дӕгъӕлтӕ", - загътой мэрийы.

Иумӕйагӕй Хъайтарты уынгыл микрорайоны ис 200 фатеры, афтӕмӕй ноджы 70 ӕмбӕстаджы ӕнхъӕлмӕ кӕсынц ахсджиаг социалон проблемӕйы аскъуыддзагмӕ. Мэрийы банысан кодтой, цӕрӕнуатон къамис кӕй адарддӕр кӕндзӕн йӕ куыст, цӕмӕй равзара ӕмбӕстӕгты, кӕцыты ӕцӕгдӕр хъӕуы фӕхуыздӕр кӕнын сӕ цӕрӕнуатон уавӕртӕ.

"Уӕззау куыст у. Алкӕцы адӕймаджы дӕр, кӕцы лӕууы рады цӕрӕнуатмӕ, хъӕуы лӕмбынӕг басгарын, цӕмӕй цӕрӕнуатон къамис рахӕсса раст тӕрхон", - банысан кодтой мэрийы.

Амӕйразмӕ столицӕйы администрацийы ацыд халӕппӕрст. Ӕмбӕстӕгтӕ афтӕмӕй ӕвзӕрстой сӕ фидӕны фатертӕ. Ӕрмӕст дӕр инвалидтӕ сӕхӕдӕг ӕвзӕрстой, кӕцы уӕладзыгыл сӕ фӕнды цӕрын. Цӕрӕнуат райсын кӕй фӕнды, уыдон бафӕдзӕхстой, фатеры куы ничи цӕра, уӕд ӕй фӕстӕмӕ ратдзысты горӕты цӕрӕнуатон фондӕн, уый тыххӕй ӕмӕ республикӕйы нырма ис бирӕ бинонтӕ, кӕцытӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц сӕ радмӕ.