Арцахы ФХМ сӕргълӕууӕг фембӕлд Хуссар Иры сомихаг диаспорӕимӕ

Республикӕйы сомихаг диаспорӕйы минӕвӕрттӕ ӕрдзырдтой министримӕ бӕстӕты ӕхсӕн ӕмгуыстады дарддӕры райрӕзтыл
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 20 фев - Sputnik. Республикӕ Арцахы делегаци фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Масис Маиляны сӕргълӕудӕй фембӕлд Хуссар Ирыстоны сомихаг диаспорӕйы минӕвӕрттимӕ кусӕгон балцы рӕстӕджы Цхинвалмӕ.

Хуссар Ир ӕмӕ Хӕххон Карабахы ФХМ сӕргълӕуджытӕ бафыстой ӕмгуыстады фӕдыл бадзырд

Хуссар Ирыстоны фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады (ФХМ) пресс-службӕ фехъусын кодта, фембӕлды рӕстӕджы кӕй ӕрдзырдтой Хӕххон Карабах ӕмӕ сомихаг диаспорӕйы ӕхсӕн ӕмгуыстад райтынг кӕныны алыгъуызон фарстытыл. Диаспорӕйы сӕрдар Владимир Кулиджанов радзырдта сӕ архайд ӕмӕ фидӕны проектты тыххӕй Хуссар Ирыстоны.

Масис Маилян радзырдта политикон уавӕры тыххӕй Арцахы ӕмӕ банысан кодта, цӕттӕ кӕй у дарддӕр райтынг кӕнын бастдзинад сомихаг диаспорӕимӕ Хуссар Ирыстоны.