Бибылты Анатолий схорзӕхджын кодта уӕрӕсейаг ӕфсӕддонты орден Уацамонгӕйӕ

Ӕфсӕддонтӕ, кӕцытӕ бахъахъхъӕдтой Хуссар Ирыстон 2008 азы гуырдзиаг агрессийы рӕстӕджы, райстой республикӕйы иууыл бӕрзонддӕр паддзахадон хорзӕх
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 20 фев - Sputnik, Уалыты Диана. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий схорзӕхджын кодта Уӕрӕсейы Федерацийы гарзджын тыхты ӕфсӕддонты, кӕцытӕ хайад истой 2008 хӕсты, иууыл бӕрзонддӕр хорзӕх – Уацамонгӕйы орденӕй. Хорзӕхкӕныны церемонийы, кӕцы ацыд Мӕскуыйы, Бибылты Анатолий загъта бузныг хъайтартӕн сӕ хъӕбатырдзинады тыххӕй, кӕцы уыдон равдыстой Хуссар Ирыстон хъахъхъӕнгӕйӕ.

"Ирон адӕм алыхатт дӕр хъуыды кӕндзысты уыцы бонты цаутӕ ӕмӕ никуы ферох кӕндзысты уӕрӕсейаг солдаты сгуытдзинад", - загъта президент.

Бибылты Анатолий схорзӕхджын кодта уӕрӕсейаг ӕфсӕддонты орден Уацамонгӕйӕ

Бибылты Анатолий бафтыдта, зӕгъгӕ хъайтарты сгуыхтдзинӕдтӕн ныридӕгӕн саргъ кодтой Уӕрӕсейы Федерацийы иууыл бӕрзонддӕр хорзӕхӕй, ӕмӕ раст нӕ уыдаит, куы нӕ сын радтаиккой Хуссар Ирыстоны иууыл бӕрзонддӕр хорзӕх.

Дипломатон уӕлахиз: Бибылты Анатолий Виталий Чуркины фӕлгонцы тыххӕй Хуссар Иры хъысмӕты

"Ӕз сӕрыстӕр дӕн, кӕй дӕттын ацы хорзӕх Хуссар Ирыстоны адӕмы номӕй", - бахахх кодта республикӕйы сӕргълӕууӕг.

Ӕфсӕддонтӕ загътой бузныг Хуссар Ирыстоны адӕм ӕмӕ президентӕн ахӕм бӕрзонд хорзӕхы тыххӕй.

"2008 азы ӕз уыдтӕн танкон ротӕйы командӕгӕнӕг, тынг ӕхсызгон мын у райсын паддзахады иууыл бӕрзонддӕр хорзӕх. Мӕ цӕст уарзы, цӕмӕй ирон адӕм алыхатт дӕр цӕрой сабырдзинады", - загъта дӕлбулкъон Юрий Яковлев.

Орден Уацамонгӕйы кавалертӕ ссисты ӕртындӕс ӕфсӕддоны, уыдонӕй цыппар райстой хорзӕх сӕ мӕлӕты фӕстӕ.