Дзӕуджыхъӕуы байгом уыдзӕн ӕнӕаргъ кафе мӕгуыртӕн

Организаторты ныхӕстӕм гӕсгӕ, кафе байгом уыдзӕн уалдзӕджы кӕрӕттӕм
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 21 фев — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны столицӕйы байгом уыдзӕн ӕнӕаргъ кафе пенсионертӕ, инвалидтӕ, ӕххуысхъуаг ӕмӕ бирӕсывӕллонджын бинонтӕн, хъусын кӕны Ossetia News.

Цхинвалы байгом ис Хъотайты Григорийы номыл хӕрзаудӕн фонд

Кафе, кӕцы кусдзӕн ӕрвылбон, байгом уыдзӕн уалдзӕджы кӕрӕттӕм Горькийы уынгыл.

Ӕххуысхъуаг ӕмбӕстӕгтӕн кафейы уыдзӕн ӕнӕаргъ хӕлцад. Аннӕтӕн та хӕринаджы аргъ уыдзӕн 100 сомы онг.

Проекты организатор у хӕрзаудӕн фонд "Зиу".