Цхинвалы ӕртӕ бинонтӕ райстой ног фатерты дӕгъӕлтӕ

Хуссар Ирыстоны столицӕйы фатерты райуӕрст адарддӕр уыдзӕн ацы къуыри
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 21 фев – Sputnik, Козаты Диана. Цхинвалы мэр Коцты Алан цыппӕрӕмы радта фыццаг ӕртӕ бинонтӕн Хъайтарты уынгыл микрорайоны ног фатерты дӕгъӕлтӕ.

Ног фатерты хицӕуттӕ баисты Хъуылымбегты Людмилайы бирӕсывӕӕлонджын бинонтӕ, сидзӕр Алена Муравьева ӕмӕ 2 къорды инвалид Къобесты Мурат.

Куыд фын

Хъуылымбегты Людмилайӕн ис фондз сывӕллоны. Йӕ бинонтӕ цалдӕр азмӕ раивтой бирӕ фатертӕ, сӕхи хӕдзар балхӕнынӕн та сын фадат нӕ уыд ӕрӕмбырд кӕнын ӕхца.

Цхинвалы ӕртӕ бинонтӕ райстой ног фатерты дӕгъӕлтӕ

"Мӕн нӕ бауырныдта, куы нын загътой, ома нӕ бахастой развӕлгъау номхыгъдмӕ. Абон мах райстам нон фатеры дӕгъӕлтӕ, фӕлӕ мӕм нырма дӕр афтӕ кӕсы, ӕмӕ фын у", - загъта уый.

Цхинвалы ӕртӕ бинонтӕ райстой ног фатерты дӕгъӕлтӕ

Мӕ цинӕн кӕрон нал уыд

Алена Муравьевайы бинонтӕ лӕууыдысты рады цӕрӕнуатмӕ 2008 азӕй фӕстӕмӕ. Фӕлӕ хӕсты фӕстӕ сӕ документтӕ иууылдӕр фесӕфтысты ӕмӕ сӕ хъуыдис ногӕй ӕмбырд кӕнын – ногӕй та рады слӕууыдысты 2013 азы.

Цхинвалы ацы къуыри 130 бинонтӕ райсдзысты ног фатерты дӕгъӕлтӕ

"Иу азы размӕ амард мӕ мад, ӕмӕ мах баззадыстӕм иунӕг ме фсымӕримӕ. Цардыстӕм нӕ хиуӕтты хӕдзары, цы ран нӕ уыд газ ӕмӕ дон. Ӕрмӕст 2013 азы нын рауад бауадзын дон ӕмӕ газ", - загъта уый.

Раздӕр уыдон цардысты Ачабеты хъӕуы, фӕлӕ Гуырдзыстонимӕ хӕст куы райдыдта 90-ӕм ӕзты, уӕд уыдон ныууагътой сӕ хӕдзар ӕмӕ ацыдысты Цхинвалмӕ.

Ныр та сын йе фсымӕримӕ, кӕцы ахуыр кӕны ӕртыккӕгӕм курсыл, ис сӕхи хӕдзар.

"Мӕ цинӕн кӕрон нал уыд, куы нын загътой фатер нын кӕй ратдзысты", - загъта уый.

Ног микрорайоны фатертӕ райсдзысты ноджы 127 ӕмбӕстаджы. Уыдоны алкӕйдӕр Цхинвалы администраци басгӕрста цалдӕр хатт.