Цхинвалы ацыд Гӕбӕраты Никъалайӕн нывонд изӕр

Мадзалы хайад райста Хуссар Ирыстоны хицауады сӕрдар Пухаты Эрик, кӕцы банысан кодта, ахуыргонды цард ӕмӕ сфӕлдыстад кӕй уыдысты нывонд зонад ӕмӕ йӕ Фыдыбӕстӕйӕн службӕ кӕнынӕн
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 22 фев — Sputnik. Цхинвалы ацыд мадзал, кӕцы уыд нывонд зындгонд ахуыргонд, филологон зонӕдты доктор Гӕбӕраты Никъалайы  райгуырдыл 95 азы сӕххӕстӕн, хъусын кӕны республикӕйы хицауады пресс-службӕ.

Равдисын масштаб: Хуссар Иры хицауады ӕрдзырдтой Къостайы аз ауадзыныл

Хицауады сӕрдар Пухаты Эрик банысан кодта, Гӕбӕраты Никъала кӕй бахаста стыр хайбавӕрд националон зонады райрӕзтмӕ.

"Абон дӕр Ирыстоны скъолатӕ кусынц йӕ чингуытӕй. Йӕ цард ӕмӕ сфӕлдыстад, кӕцытӕ нывонд уыдысты мадӕлон ӕвзаджы проблемӕтӕ аскъуыддзаг кӕнынӕн, сты зонад ӕмӕ Фыдыбӕстӕйӕн службӕ кӕныны цӕвиттон", - загъта Пухаты Эрик.

Пухаты Эрик бафтыдта, зӕгъгӕ, ӕнӕмӕнг хъӕуы бакусын, цӕмӕй ныммыхуыр кӕнӕм "Ирон ӕвзаджы ӕмбарынгӕнӕн дзырдуат" цыппар томы, кӕцы бацӕттӕ кодтой Гӕбӕраты Никъалайы къухдариуӕгады бын.