ЦХИНВАЛ, 25 фев — Sputnik, Гӕбӕраты Ян. Республикӕйы скъолатӕ ӕмӕ сабидӕттӕ нывӕзтмӕ гӕсгӕ райдыдтой кусын, фехъусын кодта Sputnik Хуссар Ирыстоны ахуырады министр Гасситы Натали.
Февралы райдайӕны республикӕйы скъолатӕ ӕмӕ сабидӕттӕ иууылдӕр сӕхгӕдтой карантиныл: грипп ӕмӕ КРВИ-йӕ рынчынты нымӕц схызт 20 процентӕй.
"Скъолатӕ ӕмӕ сабидӕттӕ нывӕзтмӕ гӕсгӕ райдыдтой кусын", - банысан кодта министр.
Амӕйразмӕ министрад фехъусын кодта, кӕй нӕ баивдзӕн ахуырдзауты каникулты дӕргъ ӕмӕ датӕ.