Хуссар Иры ссардтой фыдгæнæджы, кæцы сæххæст кодта бабырст

Хелчуайы хъæуы æвзонг цæрæг бабырста йæ хъæуккагмæ æмæ йын байста йæ æхцатæ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 27 фев - Sputnik. Цхинвалы районы мидхъуыддæгты хайады уголовон агуырды кусджытæ æрцахстой Хелчуайы хъæуы 24-аздзыд цæрæджы, кæцы сæххæст кодта бабырст, хъусын кæны Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады (МХМ) пресс-службæ.

"26 февралы Цхинвалы районы Хелчуайы хъæуы сæххæст кодтой бабырст. 67-аздзыд бынæттон цæрæджы хæдзармæ бахызт æбæрæг гоймаг сау маскæйы, байста хæдзары хицауæй æхцайы фæрæзтæ 2600 мин сомы бæрц æмæ фæтары ис цауы бынатæй", - дзырдæуы хъусинаджы.

Зæрдæхсайгæ нæлгоймаг басаст йæ фыдракæндыл. Бабырсты фæдыл æрмæджытæ бадæттой РХИ МХМ фæдагуырды хайадмæ.