"Генералы в юбках": цӕгатирыстойнаг режиссер сӕвӕрдзӕн комеди Хуссар Иры

Зынгӕ ирон режиссер Уалыты Гиви хуссарирыстойнаг труппӕимӕ куыстмӕ бавналдзӕн апрелы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 27 фев – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны паддзахадон театры сценӕйыл Цӕгат Ирыстоны Ирон театры сӕйраг режиссер Уалыты Гиви сӕвӕрдзӕн комеди Жан Ануйы пьесӕ "Генералы в юбках"-мӕ гӕсгӕ, фехъусын кодта Sputnik режиссер, Цӕгат Ирыстон ӕмӕ Кӕсӕг-Балхъары сгуыхт артист Уалыты Гиви.

Режиссер марты Цхинвалы бавдисддзӕн йӕ спектакль "Ромео и Джульетта".

Цхинвалы равдисдзысты спектакль "Ромео и Джульетта"

"Райстон ӕнхъарӕн Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театры директор Уалыты Мадинӕ ӕмӕ аивадон къухдариуӕггӕнӕг Дзудцаты Тамерланӕй сӕ труппӕимӕ спектакль сӕвӕрыны фӕдыл. Бирӕ рӕстӕг уынаффӕ кодтам пьеса равзарыныл ӕмӕ банцадыстӕм Жан Ануйы пьесӕ "Генералы в юбках"-ыл. Хорз комеди у, бафӕлвардзыстӕм ыл бакусын ацы тыхджын сфӕлдыстадон коллективимӕ", - загъта Уалыты Гиви.

Режиссер Цхинвалы куыстмӕ бавналдзӕн апрелы, ныридӕгӕн уый ӕвӕры спектакль Цӕгат Ирыстоны.

"Цӕгат Ирыстоны Ирон театры ныридӕгӕн цӕттӕ кӕнын спектакль "Ревизор", йӕ премьера нысангонд у 28 мартмӕ, уый фӕстӕ фӕнд кӕнын ныццӕуын Хуссармӕ", - бафтыдта режиссер.

Цӕгат Ирыстон ӕмӕ Кӕсӕг-Балхъары сгуыхт артист Уалыты Гиви каст фӕцис ЦИПУйы аивӕдты факультет ӕмӕ Уӕрӕсейы театралон аивӕдты институты(ГИТИС) режиссерон факультет. Актерон фӕлгонцтӕй дарддӕр йӕ ном хъуыстгонд у куыд нымад режиссер. Йӕ куыстыты ʻхсӕн сты "Прощай, овраг" , "Названые братья", "Ромео и Джульетта" ӕмӕ ӕндӕртӕ.