30-ӕм нымадмӕ гӕсгӕ: Цхинвалы бавнӕлдтой сабидоны арӕзтадмӕ

Ацы аз Хуссар Иры сабидӕтты нымӕц баххӕст уыдзӕн дыууӕ объектӕй, рӕвдауӕндӕттӕ фӕзындзӕн Чиаты ӕмӕ Вокзалгӕрон уынгтыл
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 28 фев — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны сӕйраг сахары бакӕндзысты дыууӕ рӕвдауӕндон 2019 азы, уыдонӕй иу Вокзалгӕрон районы у цӕттӕ эксплуатацимӕ радтынмӕ, аннӕ арӕзтадмӕ Чиаты Иосифы(раздӕры Суворовы) уынгыл бавнӕлдтой ацы бонты, фехъусын кодтой Sputnik арӕзтады министрады пресс-службӕйы.

Хуссар Ирыстоны иууыл хуыздæр сабидон

Ацы объекттимӕ иумӕ рӕвдауӕндӕтты нымӕц суыдзӕн 30 ӕппӕт республикӕйы ӕмӕ ӕвӕрццагӕй бандавдзӕн сабидӕттӕм радтыл.

"Вокзалгӕрон районы сабидоны бӕстыхай у цӕттӕ, аразджытӕ графикы агъоммӕ фесты куыстытӕ. Ахуырады министрад снысан кӕндзӕн йӕ бакӕныны бон. Чиаты Иосифы уынгыл цы сабидон сӕрӕза ацы аз, уыимӕ сӕ нымӕц схиздзӕн ӕгас республикӕйы 30-мӕ", - загъта уагдоны пресс-секретарь Тедеты Алена.

30-ӕм нымадмӕ гӕсгӕ: Цхинвалы бавнӕлдтой сабидоны арӕзтадмӕ

Мидхъуыддӕгты министрады горӕты хайад куыста Чиаты Иосифы уынгыл раздӕры сабидоны зӕронд бӕстыхайы, куыддӕр барадхъхъӕнджытӕ сӕ ног бынатмӕ ацыдысты, афтӕ ам сцайдагъ сты арӕзтадон куыстытӕ – кусджытӕ бавнӕлдтой сабидоны арӕзтадмӕ. Генералон нардуат ис хуссарирыстойнаг арӕзтадон организаци "Престиж"-ы къухы.

"Кусӕм абон дӕсӕм бон, ахафтам зӕронд бӕстыхай, йӕ бырон аластам ӕмӕ бӕстыхайы бындур къахынмӕ бавнӕлдтам. Азы кӕронмӕ хъуамӕ арӕзтад балхынцъ уа. Бӕстыхай нымад у 160 сабийыл", - загъта арӕзтадон организацийы хистӕр Беппиты Инал.

Развӕлгъау бӕрӕг у, сабидоны кӕрты уыдзӕн агъуыстытӕ ӕмӕ хъазӕн зонӕтӕ дӕр.

30-ӕм нымадмӕ гӕсгӕ: Цхинвалы бавнӕлдтой сабидоны арӕзтадмӕ