Адӕмон партийӕ депутаты йӕ бынатӕй ссӕрибар кӕныныл неʻсразы парламент

Диакъонты Амиран депутатӕй равзӕрсты фӕстӕ ӕрурӕдта йӕ куыст прокуратурӕйы органты
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 28 фев — Sputnik. Хуссар Ирыстоны парламенты президиум цыппӕрӕмы неʻсразы ис Адӕмон партийӕ депутат Диакъонты Амираны йӕ бынатӕй ссӕрибар генералон прокуратурӕйы ӕнхъарӕныл.

Генпрокуратурӕйы фыстӕг дзуаппмӕ ӕнхъӕлмӕ каст дыууӕ азы бӕрц. Уый депутатты ӕркастмӕ рахастой 2017, экс-президент Кокойты Эдуарды ӕвварсхӕцджыты митингты фӕстӕ, сӕ рӕнхъыты уыдысты Адӕмон партийы депутаттӕ.

Диакъонты Амиран депутатӕй равзӕрсты агъоммӕ куыста прокуратурӕйы органты.

"Митингты рӕстӕджы, кӕцытӕ цыдысты президентон кампаниты рӕстӕджы , Диакъонты Амиран уыд йӕ ӕвзарджыты фарсмӕ. Уый дӕр у депутаты куысты формӕ. Абон генералон прокуратурӕйы ӕнхъарыл неʻсразы ис парламент", — загъта закондӕттынады комитеты сӕрдар Тедеты Нона.

Фарст скъуыддзаг ӕрцыд парламенты президиумы рабадтыл сессимӕ ӕнӕрахӕсгӕйӕ.