Невскийы орден: Цæгат Иры раздæры разамонæджы схорзӕхджын кодта Путин

Уӕрӕсейы президент бӕрзонд паддзахадон хорзӕхӕй рахицӕн кодта Дзасохты Алыксандры
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 1 мар — Sputnik. Уæрæсейы президент Владимир Путины барамындӕй Цæгат Ирыстоны раздæры разамонæг Дзасохты Алыксандр хорзæхджын æрцыд Александр Невскийы орденæй, хъусын кӕны ПТРК "Алания".

"Ахæм стыр хæрзиуæджы аккаг Цæгат Ирыстоны раздæры разамонæг сси "Уæрæсейы Федерацийы æддагон политикæмæ стыр æвæрæн кæй бахаста, æмæ бирæ азты дæргъы æнæзæрдæхудт паддзахадон куыст" кæй кодта, уый тыххæй", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Уӕрӕсейаг политикон архайӕг ӕмӕ дипломат, Цӕгат Ирыстоны президент Дзасохты Алыксандрӕн ис ӕххӕстбарджыны минӕвары ном. Хицӕн ӕзты уыд Советон цӕдисы минӕвар Сирийы. Уыд Уӕрӕсейы паддзахадон думӕйы дыууӕ ӕрсидты депутат.