Тедеты Дзамболат радзырдта рӕстӕгмӕ баласты тыххӕй Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы арӕны уылты

Цӕгат Ирыстоны парламенты спикер бахӕс кодта профилон комитетӕн ӕркӕсын фарстмӕ ӕмӕ иннӕ сессимӕ бацӕттӕ кӕнын йӕ фӕдыл информаци
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 1 мар — Sputnik, Козаты Диана. Цӕгат Ирыстоны парламенты депутат Тедеты Дзамболат банхъардта фенцондӕр кӕнын Хуссар Ирыстоны транспортон фӕрӕзты баласт Уӕрӕсейы территоримӕ. Уый тыххӕй уый фехъусын кодта цыппӕрӕмы цӕгатирыстойнаг парламенты сессийыл.

Тедеты Дзамболат уый фӕдыл публикаци ныммыхуыр кодта социалон хызӕг Instagram-ы йӕ официалон фарсыл.

Депутат банысан кодта, кӕй нӕ ӕмбары ацы цауы логикӕ ӕмӕ ӕппӕт дунейы ахӕм практикӕ кӕй нал ис.

"Кӕд Уӕрӕсейы Федераци банымадта нӕ хӕдбардзинад, кӕд Хуссар Ирыстоны цӕрджыты фылдӕр хай сты Уӕрӕсейы ӕмбӕстӕгтӕ дӕр, кӕд Ирыстоны хуссар ӕмӕ цӕгаты цӕрынц иу адӕм, уӕд нын чи бамбарын кӕндзӕн ацы цауы логикӕ?", - бахахх кодта депутат.

Тедеты Дзамболат бадзырдта РЦИ-Аланийы парламенты законады фӕдыл комитетмӕ, цӕмӕй парламентӕн фадат уа бадзурын федералон хицауады органтӕм ӕмӕ бахӕссой ивындзинӕдтӕ законмӕ.

"Ног закон фенцондӕр кӕндзӕн адӕмы цард, кӕцытӕ арӕх хизынц арӕны уылты", - загъта депутат.

Цӕгатирыстойнаг парламенты пресс-службӕ фехъусын кодта, спикер Алексей Мачнев кӕй бахӕс кодта законад ӕмӕ бынӕттон хӕдразамынады комитетӕн ӕркӕсын ацы фарстмӕ ӕмӕ иннӕ сессимӕ бацӕттӕ кӕнын йӕ фӕдыл информаци.