Уӕйгуытӕ ӕмӕ джигиттӕ: Боксы скъола равзӕрста тыхджындӕрты

Спаррингты ӕрыгон боксерты 15 къай тох кодтой фӕсарӕйнаг турнирмӕ балцӕгтыл
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 5 мар — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Сывæллæтты æмæ æрыгæтты боксы скъола ауагъта спаррингтӕ сӕ хъомылгӕнинӕгты ʻхсӕн. Боксерты 15 къай тох кодтой Минводтӕм турнирмӕ балцӕгтыл ӕмӕ ӕвдыстой сӕ арӕхстдзинад ӕмӕ тырнынад тренерон къорды раз.

Мадзалы райдайӕны скъолайы разамынад сӕрмагонд лӕвар сарӕзта Бабайты Станиславӕн, уый ӕрӕджы рамбылдта ӕхсӕнадӕмон турнир Донецкы. Уый фӕстӕ тохы бацыдысты 2007-2008-ӕм ӕмӕ 2009-2010 ӕзты гуырд спортсментӕ.

Уӕйгуытӕ ӕмӕ джигиттӕ: Боксы скъола равзӕрста тыхджындӕрты

"15 къай тох кӕнынц рингыл, сӕйраг приз у Минводтӕм турнирмӕ балцӕг. Сӕ фадӕттӕ сты сӕ къухы, тыхджындӕрты Боксы скъола раразмӕ кӕндзӕн ерыстӕм", - загъта тренертӕй сӕ иу Куымӕридтаты Родион.

Уӕйгуытӕ ӕмӕ джигиттӕ: Боксы скъола равзӕрста тыхджындӕрты

Фӕсивӕдӕй уый бирӕтӕн уыд сӕ фыццаг фӕлварӕн рингыл. Тренертӕ сӕ хъомылгӕнинӕгты ӕрвыстой тохмӕ ахӕм ныхӕстимӕ - "размӕ уӕйыг" ӕмӕ "размӕ джигит". Кӕцыдӕр фембӕлдтӕн уыд ӕнӕнхъӕлӕджы хатдзӕг.

"Абон дыууӕ лӕппуйы сӕвӕрдтам кӕрӕдзи ныхмӕ – иу дзы у бирӕ турнирты уӕлахиздзау. Тыхстыстӕм аннӕйы тыхджын куы ныддӕрӕн кӕна, фӕлӕ йӕ ӕнӕнхъӕлӕджы "лӕмӕгъ" рамбылдта. Тынг зын у рагзæгъын ринг цы равдисдзӕн уый", - бафиппайдта скъолайы директоры хӕдивӕг Кокойты Ирбег.

Боксертӕм ӕнхъӕлмӕ каст ӕдӕппӕтӕй ӕртӕминутон ныхмӕлӕуд, ӕртӕ раундӕй. Рингыл тохтӕм йӕ цӕст дардта скъолайы директор Кокойты Мурӕт. Фӕсрингӕй сӕ хъомылгӕнинӕгты архайд цырын кодтой тренертӕ.

Уӕйгуытӕ ӕмӕ джигиттӕ: Боксы скъола равзӕрста тыхджындӕрты

"Арӕх уадзӕм спаррингтӕ, сӕ нысан у сбӕлвырд кӕнын нӕ хъомылгӕнинӕгты цӕттӕдзинад ӕмӕ цы къахдзӕф сарӕзтой размӕ, уый. Абон иуӕй фидар кӕнӕм ӕппӕтуӕрӕсейон ерыстӕм командӕйы сконд, аннӕмӕй та аразӕм нӕ куыстӕн хатдзӕгтӕ", - загъта Кокойты Мурӕт.