Хуссар Ир ӕмӕ Донецкы парламенттӕ бафыстой ӕмгуыстады фӕдыл бадзырд

Февралы ахӕм бадзырд бафыстой Хуссар Ирыстон ӕмӕ Луганскы закондӕттӕн органтӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 5 мар - Sputnik. Хуссар Ирыстон ӕмӕ Донецкы Адӕмон Республикӕйы (ДАР) парламенттӕ бафыстой ӕмгуыстады фӕдыл бадзырд, хъусын кӕны дыццӕджы РИА Новости.

Хуссар Ир ӕмӕ Луганскы парламенттӕ бафыстой ӕмгуыстады фӕдыл бадзырд

Документ бафыстой Донецкы Хуссар Ирыстон ӕмӕ ДАР парламентты сӕргълӕуджытӕ Гасситы Петр ӕмӕ Владимир Бидевка.

Хуссар Ирыстоны парламенты спикер банысан кодта, бадзырд кӕй сбӕрӕг кодта фадаттӕ, кӕцытӕ фӕзындзӕн дыууӕ бӕстӕйы парламенттӕн.

"Уырны мӕ, бадзырд кӕй ӕрхӕсдзӕн практикон ӕххуыс Донбасс ӕмӕ Хуссар Ирыстоны адӕмӕн", - загъта журналисттӕн Гасситы Петр.

Парламенты спикер ма банысан кодта, Хуссар Ирыстон ӕмӕ ДАР ӕхсӕн кӕй ис стыр фадаттӕ ӕмгуыстадӕн. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ӕмгуыстады фӕлгӕтты уагъд цӕудзысты комитетты минӕвӕртты рабадттӕ.

Хуссар Ирыстон 2014 азы банымадта ДАР ӕмӕ ЛАР хӕдбардзинад, республикӕтимӕ фидар ӕрцыдысты дипломатон ахастытӕ. Донецк ӕмӕ Луганскы кусынц Хуссар Ирыстоны минӕварадтӕ, Цхинвалы та — ДАР ӕмӕ ЛАР минӕварадтӕ.