Цхинвалы фӕбӕрӕг сты республикӕйы тыхджындӕр чызг-шахматисткӕтӕ

Турниры уӕлахиздзау ссис Абайты Анна, дыккаг позицийыл уыд Багаты Дина ӕмӕ ӕртыккаг призон бынат та райста Хъотайты Елена
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 11мар – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Сылгоймӕгты ʻхсӕн Хуссар Ирыстоны фыццаг чемпионаты фӕбӕрӕг сты республикӕйы тыхджындӕр чызг-шахматисткӕтӕ. Интеллектуалон тохы бацыдысты 15 хъазӕджы горӕттӕ ӕмӕ районтӕй, загъта Sputnik федерацийы разамонӕг Саулохты Георгий.

Цхинвалы фӕбӕрӕг сты республикӕйы тыхджындӕр чызг-шахматисткӕтӕ

Хуссар Ирыстоны фыццаг хатт ацыд чемпионат шахматтӕй сылгоймӕгты ʻхсӕн, мадзал нывонд уыд сылгоймӕгты ӕхсӕнадӕмон бонӕн.

Турниры уӕлахиздзау ссис Абайты Анна, уый ӕрӕмбырд кодта райсын гӕнӕн цӕмӕн уыд, уыцы 10 баллы. Дыккаг позицийыл ацыд къуаисайаг чызг Багаты Дина 7 баллимӕ, ӕртыккаг ссис Хъотайты Елена, уый райста 6 балл.

Федерацийы президенты ныхӕстӕм гӕсгӕ, ӕртӕ хуыздӕр хъазӕджы фирма "Фат-телеком"-ӕй райстой лӕвӕрттӕ.

"Ацы мӕйы кӕрон сараздзыстӕм ноджы иу хатт ерыстӕ, уыдон уыдзысты ноджы уӕрӕхдӕр, ӕрхондзыстӕм горӕттӕ ӕмӕ районтӕй сывӕллӕтты командон ерыстӕм. Мӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ дзы хъуамӕ уа 50 хъазӕгӕй фылдӕр. Майы та Шахматты федераци Россотрудничествоимӕ иумӕ Стыр Уӕлахизы цытӕн ауадздзӕн ӕхсӕнадӕмон турнир. Уырдӕм ӕрхондзыстӕм шахматистты Цӕгат Ирӕй ӕмӕ Уӕрӕсейӕ дӕр", - загъта Саулохты Георгий.

Сылгоймӕгты ʻхсӕн Хуссар Ирыстоны фыццаг чемпионат шахматтӕй ацыд Спорты комитет, Шахматты федераци ӕмӕ фирма "Фат-телеком"-ы фӕрцы.

Цхинвалы фӕбӕрӕг сты республикӕйы тыхджындӕр чызг-шахматисткӕтӕ