Дзӕуджыхъӕуы ацӕудзӕн ӕхсӕнадӕмон фестиваль "КиноБарс"

Фӕзуат баххуыс кӕндзӕн ӕвзонг кинематографисттӕн среализаци кӕнын сӕ проекттӕ, банысан кодтой организатортӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 11 мар — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны столицӕйы ацӕудзӕн ӕхсӕнадӕмон фестиваль "КиноБарс" актер, кинорежиссер ӕмӕ продюсер Дыгъуызты Аланы хъӕппӕрисӕй. Уый тыххӕй хъусын кӕны информацион портал ОсНова.

Джиоты Вероника азарыд алолай ирон мультфильмы

Дыгъуызты Аланы ныхӕстӕм гӕсгӕ, мадзалы руаджы Кавказы райтынг уыдзӕн кинематографи. Ныридӕгӕн уагъд цӕуы баныхас зындгонд актертӕ ӕмӕ режиссертимӕ, кӕцытӕ ауадздзысты мастер-класстӕ. Афтӕ ма фӕзуат баххуыс кӕндзӕн ӕвзонг кинематографисттӕн среализаци кӕнын сӕ проекттӕ.

"Фӕнды нӕ саразын фӕзуат, кӕцы баххуыс кӕндзӕн фӕсивӕды райрӕзтӕн. Кинофестивалы сӕйраг хӕслӕвӕрд у баиу кӕнын авторон киноныв кинобизнесмӕ, цӕмӕй ӕвзонг кинематографисттӕн фадат уа среализаци кӕнын сӕ проекттӕ", - хъусын кӕны рауагъд Дыгъуызты Аланы ныхӕстӕ.

Афтӕ ма режиссер бахахх кодта, зӕгъгӕ, кинофестивалы рӕстӕджы стыр ӕмӕ чысыл проектты арӕзтад бандавдзӕн регионы экономикон райрӕзтыл.