ЦХИНВАЛ, 11 мар — Sputnik. Ивгъуыд къуыри республикӕйы фӕндӕгтыл ӕрцыд ӕртӕ фӕндагон-транспортон цауы (ФТЦ), иу ФТЦ-ы фӕстиуӕгӕн фӕмард 37-аздзыд сылгоймаг, хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.
Барадхъахъхъӕнӕг уагдоны информацимӕ гӕсгӕ, республикӕйы территорийыл сбӕрӕг кодтой иу фыдракӕнд. Алыгъуызон фӕткхӕлдты тыххӕй бӕрнмӕ ӕрбаздӕхтой цалдӕр адӕймаджы, уыдонӕй цыппары наркотикон буарадтӕй пайда кӕныны тыххӕй.
"Цхинвалы мидхъуыддӕгты хайады кусджытӕ алыгъуызон фӕткхӕлдты тыххӕй ӕрцахстой 14 адӕймаджы. Уыдонӕй дыууӕйы Цхинвалы тӕрхондон фӕивар кодта фӕйнӕ 500 сомы", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Афтӕ ма рейдон мадзӕлтты рӕстӕджы Паддзахадон автоинспекцийы кусджытӕ сбӕрӕг кодтой фӕндагон змӕлды 263 фӕткхалды – 11 шофыры скъӕрдтой хӕдтулгӕтӕ нозтджынӕй.