Уӕрӕсейаг ахуыргонд радзырдта ХИПУ-имӕ ӕмгуыстад кӕныны фӕнды тыххӕй

Географион зонадты доктор Михаил Залиханов радзырдта тӕлмӕнты тыххӕй Хуссар Ирыстоныл республикӕйы президентимӕ фембӕлды рӕстӕджы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 11 мар - Sputnik. Советон ӕмӕ уӕрӕсейаг ахуыргонд, Хӕххон геофизикон институты зонадон разамонӕг Михаил Залиханов ӕрдзырдта Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолиимӕ Хуссар Ирыстоны паддзахадон университетимӕ ӕмгуыстад кӕныныл, хъусын кӕны паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.

"Ӕз бирӕ хатт уыдтӕн ам. Ӕмӕ мын ӕхсызгон у уынын, Хуссар Ирыстоны столицӕ куыд рӕзы ӕмӕ рӕсугъд кӕны. Мах бацыдыстӕм университетмӕ ӕмӕ ӕрдзырдтам ӕмгуыстады алыгъуызон фарстытыл", - бынсан кодта Михаил Залиханов.

Бибылты Анатолий банысан кодта политикон, зонадон ӕмӕ ӕхсӕнадон архайӕджы стыр сгуыхтдзинӕдтӕ.

"Ды бирӕ сарӕзтай Советон Цӕдисы адӕмӕн ӕмӕ ныры онг дӕр архайыс. Мӕнӕн тынг ӕхсызгон у, кӕй базонгӕ дӕн ахӕм номдзыд адӕймагимӕ ӕмӕ Дын мӕ цӕст уарзы, цӕмӕй бирӕ ӕзты ӕххӕст кӕнай ӕхсӕнадон ӕмӕ зонадон архайд", - загъта президент.

Профессор Михаил Залиханов у биологон зонадты кандидат, географион зонадты доктор. Йӕ архайды сӕйраг здӕхттӕ сты гляциологи, мит ӕмӕ зӕйты ахуыр, геологи, геофизикӕ, экологи.