Хуссар Иры президент ссӕрибар кодта йӕ бынатӕй нефтебазӕйы сӕргълӕууӕджы

Паддзахады сӕргълӕууӕг бафыста барамынд, цӕмӕй ссӕрибар кӕной йӕ бынатӕй Паддзахадон унитарон куыстуаты сӕргълӕууӕджы, кӕцыйы фӕдыл раздӕр бакодтой уголовон хъуыддаг
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 12 мар - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий ссӕрибар кодта йӕ бынатӕй паддзахадон унитарон куыстуат "Югосетнефтепродукт"-ы директор Тыджыты Владимиры, хъусын кӕны паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.

Цхинвалы райдыдтой аразын "Роснефть"-ы ӕртаджы станц

"Ссӕрибар кӕнын Тыджыты Владимиры паддзахадон унитарон куыстуат "Югосетнефтепродукт"-ы директоры бынатӕй", - дзырдӕуы барамынды.

Тыджыты Владимир уыд куыстуаты номиналон сӕргълӕууӕг – экономикӕйы министр 2017 азы уалдзӕджы снысан кодта Джыгкайты Сосланы "Югосетнефтепродукт"-ы директоры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕгӕй. Уыцы аз майы Хуссар Ирыстоны Паддзахадон ӕдасдзинады комитет бакодта уголовон хъуыддаг Тыджыты Владимиры фӕдыл. Куыстуаты сӕргълӕууӕджы уӕд сбадын кодтой ахӕстоны дыууӕ мӕймӕ.

"Югосетнефтепродукт" 2014 азӕй фӕстӕмӕ у нефтепродуктты официалон импортер паддзахадон куыстуат ӕмӕ компани "Роснефть"-имӕ бадзырдмӕ гӕсгӕ.