Цхинвалы фыццаг хатт банысан кодтой Тӕрхондоны системӕйы кусӕджы бон

Бӕрӕгбонон мадзалы хайад райста Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 13 мар - Sputnik. Цхинвалы ПККЗ "Чермен"-ы ацыд бӕрӕгбонон ӕмбырд, кӕцы уыд нывонд Тӕрхондоны системӕйы кусӕджы бонӕн. Мадзалы хайад райстой республикӕйы президент, парламенты спикер, хицауады сӕрдар, министрадты разамонджытӕ, афтӕ ма Уӕрӕсейы минӕвар Хуссар Ирыстоны Марат Кулахметов, Цӕгат Ирыстоны Конституцион тӕрхондоны сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Александр Севастьянов, ДАР Уӕлдӕр тӕрхондоны сӕргълӕууӕг Андрей Ким ӕмӕ ӕндӕр официалон гоймӕгтӕ.

Цхинвалы фыццаг хатт банысан кодтой Тӕрхондоны системӕйы кусӕджы бон

РХИ Уӕлдӕр тӕрхондоны сӕргълӕууӕг Коцты Олеся банысан кодта, республикӕйы тӕрхондоны системӕйы кусджытӕ фыццаг хатт кӕй нысан кӕнынц сӕ профессионалон бӕрӕгбон. Тӕрхондоны системӕйы кусӕджы бон – 11 февраль - снысан кодтой РХИ президенты барамындӕй 2018 азы 29 октябры.

"Тӕрхондоны системӕ у барадон паддзахады ахсджиаг хай. Тӕрхондоны системӕйы кусджытӕ хӕссынц стыр бӕрн сӕ куысты фӕстиуджыты тыххӕй. Тӕрхондӕтты скуыддзӕгтыл баст у адӕм ӕмӕ ӕнӕхъӕн паддзахады хъысмӕт", - загъта Коцты Олеся.

Цхинвалы фыццаг хатт банысан кодтой Тӕрхондоны системӕйы кусӕджы бон

Президент Бибылты Анатолий раарфӕ кодта ӕрӕмбырдуӕвджытӕн ӕмӕ бахахх кодта сӕ хайбавӕрд демократион паддзахады арӕзтадмӕ.

"Сымах руаджы Республикӕ Хуссар Ирыстоны ӕмбӕстӕгты ныфс ис, сӕ бартӕ сын кӕй бахъахъхъӕндзысты. Нӕ ӕхсӕнад рыйдыдта ӕмбарын, ӕрмӕст дӕр барадон паддзахадӕн кӕй ис фадат райсын ӕхсӕнадӕмон банымад", - загъта президент.

Мадзалы официалон хайы фӕстӕ райдыдта концерт, цы ран хайад райстой Хуссар Ирыстоны аивӕдты мастертӕ.